Багаты Шота - Къуыдаргомы лæппутæ
Автор: Ирон зарджытæ Осетинские песни Ossetian songs
Загружено: 2022-07-04
Просмотров: 39368
Мæ Ирыстонæн фидар у йæ бындур
Æмæ йæ ничи базмæлын кæндзæн.
Цæрынц йæ зæххыл Къуыдаргомы лæппутæ,
Сæ ныфсæй дæр нæ Ирыстон цæрдзæн.
Бæрзонд хæхтæ сæм радтой кады нуазæн,
Тызмæг хæхтæ сæм бауагътой сæ тых.
Æгас цæуæд уæ лæгдзинад, нæ фырттæ,
Фыдызнагмæ уæ кæрдтæ дарут цыргъ.
Фæлмæнзæрдæтæ, мадзура бындартæ,
Сæрæнгуырдтæ, цæргæсау у уæ каст,
Сæрыстыртæ, æгъдауджынтæ мæ хæрзкæндтæ
Тæхудиаг, тæхудиаг у уæ уарзт.
Ыстут нæ Ирæн Уастырджитæ иууыл,
Нæ Ирыстоныл уæ хъæбатыры ном ныхъхъæр.
Æрвиты уын йæ арфæтæ нæ Ирыстон.
Нæма уын райгуырд а зæххыл æмсæр.
О хуры фырттæ, Къуыдаргомы лæппутæ,
Хуыцауысконд, Ацæмæзау - уæ зард.
Тыхджын ыстут, мæлæт дæр уæ фæтæрсы,
Фыдызнагæй нын бахизут нæ цард.
дæхи бафысс: t.me/ironzarjyta
Доступные форматы для скачивания:
Скачать видео mp4
-
Информация по загрузке: